slider banner
Автор Тамар Симония

 

Лиле 8-аздзыд чызг у. Уый йæ мадимæ, йæ фыдимæ æмæ йæ хистæр æфсымæримæ иумæ цæры. Лиле æфсæрмыгæнаг саби у. Йæхи хæрз иунæгæй æнкъары, уымæн æмæ хъуыды кæны, цæмæй йе ‘мгæртты йемæ хъазын нæ фæнды. Уый тынг бирæ уарзы кафын, фæлæ кафыны уроктæ арæх рауадзы. Худинаг æм кæсы, цæмæй йын йæ буарыл цъæхтæ алчидæр фендзæнис. Скъолæйы фæстæ уый йе ‘фсымæримæ иумæ ацæуынц хæдзармæ, сихор бахæрынц æмæ хæдзармæ хæслæвæрды сæххæст кæнынц. Изæры та сæ ныййарджытæ æрбаздæхынц хæдзармæ. Лиле æмæ йе ‘фсымæр ацы рæстæджы сæхи хатæны бамбæхсынц, уый тыххæй æмæ сæ ныййарджытæ хъæрæй хыл æмæ хъæр кæнын райдайынц. Фыд тынг гуырымыхъхъ ахаст дары хъæбултæм. Арæх сыл хъæртæ кæны, æртхъирæнтæ сæм кæны. Лилейы æфсымæры фыд арæх фæнæмы ронæй æмæ æндæр æмæ æндæр мигæнæнæй.  Сабитæ тынг тæрсынц æмæ сын æндæр гæнæн нæ вæййы æмæ хатæнæй æддæмæ нæ рацæуынц. Лиле нæ зоны цыми бакæна æмæ куыд баххуыс кæна йæ мад æмæ йе ‘фсымæрæн. Тæрсы искæмæн куы радзура йæ бинонты хабар, уæд йæ фыд тынг смæсты уыдзæнис. Лиле физикон тыхмийы амæттаг у. Физикон тыхми та нысан кæны сабийæн базиан кæнын, исты фæриссын кæнын – ай та æнæбыхсгæ у. Дæ зæрдыл бадар, цæмæй амал ссарын алыхатт дæр вæййы æмæ тыхгæнæг адæймæгтæ æфхæрд цæуынц. Кæд дæ фæнды ссæрибар уай тыхмидзинадæй, уæд ма хъуамæ басусæг кæнай тыхмигæнæджы.

 

Николоз 10 аздзыд у. Уый йæ ныййарджытимæ иумæ цæры. Николоз скъолæмæ нæ цæуы, уый тыххæй æмæ йын нæй скъолæйæн хъæугæ дзуаматæ, нæ дæр ын дарæс ис аккаг цæмæй скъолæмæ бацæуа. Уый тынг фæнды йе ‘мгæрттимæ иумæ рæстæг арвита, фæлæ йæ дарæскондмæ гæсгæ ууыл алчидæр худгæ кæны. Дзурынц ын цæмæй чъизиконд æмæ æдзæттæ у. Николоз тынг маст кæны, уымæн иннæ сабитау скъолæмæ цæуыны фадат кæй нæй ууыл.     Николоз рохуаты ис йæ ныййарджыты рдыгæй. Ай дæр тыхмидзинады иуæй-иу формæ у. Рохуатты баззайын нысан кæны ахæм ситуациты, сабийæн куы нæ хæрын  кæнынц, нæ йын дæттынц ахуыр кæныны фадат,  сæ хъус нæ дарынц, сабиты куы фæхъæуы дохтыры æххуыс æмæ сын нæй бынат цыран сабийы цæрын кæной.

Мариам æнæххæсткарджын у. Уый тынг æфсæмыгæнаг у. Мариам нæ уарзы исчи йæм куы æрбаввахс вæййы, кæнæ йыл куы ныдзæвы. Ацы рæстæджы уый йæхи хорз нæ фенкъары. Уый алы хатт дæр фæбады иунæгæй иннæтæй дæрддзæф. Нæдæр йе ‘мкарæнтимæ уæвын уарзы, хъуыды кæны, уыдон ын йæ сусæгдзинад базондзысты æмæ уымæй тынг тæрсы. Мариам сексуалон тыхмийы амæттаг у. Мариамы зонгæ, хистæр адæймаг уымæн æнæранбынæттæм æвналы æмæ йæм æртхъирæн кæны, цæмæй кæд ай тыххæй уый искæмæн зæгъдзæнис, уæд тынг æвзæр кæй сараздзæн уымæн. Чызг тынг рохст æмæ тарст у.

Сексуалон тыхмидзинад нысан кæны ахæм ситуацийы, хистæр адæймаг сабийы бауары уыцы хæйттæм куы æвналы, кæцы найæн дзаумайæ кæнæ мидæггаг дарæсæй у æмбæрзт. Хистæр адæймаг сабийы тыхæй кæсын кæны ахæм фильмтæм æмæ видеотæм, цыран адæймæгтæ бæгънæгæй сты. Афтæ куыд тыхмийы æндæр формæ, сексуалон тыхмидзинад дæр æруадзинаг æмæ райсинаг нæу. Ма фæтæрсут æндæр адæймаджы æртхъирæнæй, уымæн æмæ æнгæс цауы уыдон гæнæн ис аккаг æфхæрд æрцæуой.

 

Иуане 9 аздзыд лæппу у. Уый йæ мадимæ, йæ фыдимæ æмæ йæ нанаимæ иумæ цæры. Иуане тынг уарзы ахуыр кæнын, фæлæ скъолæмæ арæх нæ цæуы, арæх цухтæ кæны. Йæ мад æмæ йæ фыд уымæ арæх фæхыл кæнынц, дзурынц ын, цæмæй уый нард æмæ фыдуынд у. Йæ ныййарджытæ Иуанейæ никуы раппæлынц, фæзæгъынц ын, цæмæй уый ахæм æвидыц æмæ æнарæхст у, æмæ нæдæр йæ бон ахуыр кæнын суыдзæн æмæ йын нæдæр хæлæрттæ уыдзæн никæд. Иуане æддæмæ никуы рахизы йе ‘мкарæнтимæ  хъазынмæ, уымæн æмæ хъуыды кæны цæмæй йемæ уæвын никæй бафæнддзæнис. Йæ мад ын хæрын дæр нæ фæуадзы, фæзæгъы йын, кæд уый не смæллæг уыдзæн, уæд кæй баззайдзæн ахæм фыдуындæй æмæ æнæнтыстджынæй. Иуане психологон тыхмийы амæттаг саби у. Психологон тыхмидзинад нысан кæны хистæр адæймæгты рдыгæй сабийы хъыг кæнын, æдзух хъæр æмæ æртхъирæн кæнын. Психологон тыхмийы амæттаг саби йæхи тынг иунæгæй фæхаты. Цахæмфæнды типы тыхмидзинад  физикон, сексуалон, психологон æви сабийы рохуаты уагъд фыдракæнд у. Алкæцы саби дæр аккаг у аудой йыл æмæ йæ уарзой.

Кæд дæуæн зонгæ у ай алцыппæт, хъуыды кæныс, цæмæй ды кæнæ де мбал тæссаг уавæры ис, кæд дын де мбал радзырдта, цæмæй тыхмийыл фæуæлахизæн уый æххуыс хъæуы, уæд уын Юридикон æххуысы куыст аккаг æххуыс бакæндзæн.

Дæ бон у ныффыссай нæм веб-фарсыл уæвæг чаты, афтæ-ма нæм фехъусын кæн тæвд хаххыл – 1485, кæнæ нæм фæдзурут нысангонд номырыл: 032 292 00 55.

 

 


Тыхмидзинад