slider banner
Автор Тамар Симония

 

Æз хъуамæ уон толерант

 

Ма сараз æндæрæн афтæ, кæцы дæ нæ фæнды, дæуæн саразой...

Толерантдзинад нысан кæны райсай иннæ адæймаг афтæ цахæмдæриддæр у. Адæймæгтæ гæнæн ис кæрæдзийæ хицæн кæной цармы хуызæй, культурæйæ, религийæ, æмæ рассæмæ гæсгæ. Зæгъæм, скъолæйы гæнæн ис ахуыр кæна гуырдзиаг, америкæйаг, япойнаг æмæ æндæр æмæ æндæр адæмы хатты саби. Цы аразæм ацы рæстæджы кæд æмæ къласы ис бирæ хицæнхуыз адæймæгтæ, æндæр æмæ æндæр уагахастимæ æмæ цæстæнгæстимæ?! 

Лида æмæ Акъио Гуырдзыстоны цæрынц. Лида ирайнаг у, фæлæ Акъио та Японийæ æрцыд. Уыдон сæ бинонтимæ иумæ цæрынмæ нæ бæстæйы уæвынц. Лида æмæ Акъио æхсæзæм къласæгтæ сты æмæ гуырдзиаг сабитимæ иумæ ахуыр кæнынц скъолæйы. Уыдон къласы хицæнхуызтæ сты, уымæн æмæ уыдонæн гуырдзиаг сабитæй хицæнхуыз религи æмæ культурæ ис. Зæгъæм Лида алыранмæ дæр хицæнхуыз дарæс кæны, уымæн æмæ йæ религи ислам уымæй сæрбæттæн дарын домы. Лидайыл ай тыххæй сабитæ худынц. Акъио та гуырдзиаг æвзаг хорз кæй нæ зоны, уымæ гæсгæ йын къласы нæй æмбæлттæ, уый тыххæй æмæ йын сабитæ æлыхатт дæр æнкъарын кæнынц, цæмæй уый хицæнхуыз у æмæ йæ бынат уым нæй. Лидайы æмæ Акъиойы ‘рдæм иуæй-иу саби æнæтолерантон ахаст æвдисы. Æнæтолерантон ахастдзинад та нысан кæны æндæр адæймаджы уырнонады, цæстæнгæсты, религийæн æнæцыткæныны, æнæрайсты.

Æндæр адæймаг гæнæн ис дæуæй хицæнхуыз дарæс дара. Æндæр бакаст ын уа, æндæр хуызджын царм ын уа. Ма йæ бафхæр уый тыххæй æмæ хицæнхуыз кæй у.

Алы адæймагæн иухуызон гæнæндзинæдтæ нæй. Къласы гæнæн ис иуæй-иу саби æрæгмæ дæр бамбара æрмæг, иннæтæм абаргæйæ йын зын у ахуыр кæнын, фæлæ ай уый нæ нысан кæны, цæмæй уыдон хъуамæ бафхæрæм, бахудæм сыл кæнæ уыдонæй исты æвзæр зæгъæм. 

Æндæр æмæ æндæр культурæйы сабитæн æндæр æмæ æндæр уырнынад ис. Уыдонæн гæнæн ис æмæ дæуæй хицæнхуыз ахаст уа, хицæнхуыз хъуыдытæ сын уа. Ды уæд уыдзынæ толерант æмæ сын сæ хъуыдыйæн аргъ куы кæнай.

Гæнæн ис де скъолæйы, кæрты кæнæ ахæм бынаты, цыран де ‘мкарæнтимæ иумæ æмбæлыс æмæ дыл коляскæйыл цæуæг саби фембæлд. Ма дæ хъуамæ ферох уа, цæмæй мах неппæт дæр кæрæдзийæ хицæн кæнæм, фæлæ æмрæстæджы неппæт дæр æмбар стæм, уымæн æмæ адæймæгтæ стæм.

Уай толерант нысан кæны саразай хорз хъуыддаг, баххуыс кæнай æндæртæн, байхъусай адæймæгтæм, уай æнувыд иннæйы æнкъарæнтæм æмæ бардзинæдтæм.

Кæд дæуæн зонгæ у ай алцыппæт, хъуыды кæныс, цæмæй ды кæнæ де мбал тæссаг уавæры ис, кæд дын де мбал радзырдта, цæмæй тыхмийыл фæуæлахизæн уый æххуыс хъæуы, уæд уын Юридикон æххуысы куыст аккаг æххуыс бакæндзæн.

Дæ бон у ныффыссай нæм веб-фарсыл уæвæг чаты, афтæ-ма нæм фехъусын кæн тæвд хаххыл – 1485, кæнæ нæм фæдзурут нысангонд номырыл: 032 292 00 55.

 

 


Толерантдзинад