slider banner

Нитъа скъолæйы ахуырдзау у, кæцы йе мкарæнтæй хицæн кæны: уый специалон хъæугæдзинæдты уæвæг ахуырдзау у, йæ бон нæу хæдбарæй цæуын æмæ йæ инклюзивон ахуырад хъæуы. Нитъайы фæнды æххæст ахуыр райсын, фæлæ ай уымæн æнцон райсæн нæу, уымæн æмæ скъолæ нæ ифтонг кæны Нитъайы хъæугæдзинæдты. Нитъайы хуызæн, гæнæн ис, бирæ æндæр адæймæгты дæр хъæуа æнгæс хуызы ахуырады райсын, уыдонæн гæнæн ис уа физикон, æмбарынады æмæ социалон-эмоцион хæццæдзинад, фæлæ нæ ма хъуамæ ферох уа, цæмæй алы адæймаг дæр æмбар кæй у æмæ алы адæймагæн дæр бар кæй ис райса æххæст ахуырад.  

Цæй, аныхас кæнæм цы нысан кæны инклюзивон ахуырад.

Цы нысан кæны инклюзивон ахуырад?

Уый тыххæй, цæмæй базонæм, цы у инклюзивон ахуырад, хъæугæ у, зонæм, цы нысан кæны дзырд – инклюзи. Инклюзи у хайад исын, фæлæ инклюзивон ахуырады райсын нысан кæны, специалон хъæугæдзинæдты уæвæг ахуырдзауты æмæ се ‘мкарæнты иу тыгъдады ахуыр кæныны.  

Специалон ахуыргæнæн хъæугæдзинæдты уæвæг ахуырдзауыл нымад цæуы:  

  • Ахуырдзау, кæцыйæн ис арæнгонд фадатдзинад æмæ къуылымпы рæзынад;
  • Ахуырдзау, кæцыйæн ис  социалон-эмоцион проблемæтæ;
  • Курдиатджын сабитæ;

Арæнгонд фадæтты уæвæг сабийæн ис райрæзты иу кæнæ цалдæр къуылымпы. Уымæн гæнæн ис æмæ уа:

  • Физикон проблемæтæ, кæцымæ хауынц, уæрджыты арæнгонд змæлд, цæстырухсы æмæ хъусæн органты дефектдзинад, ныхас кæныны проблемæ; 
  • Психикон хæццæдзинад нысан кæны ЦНС (централон нервон системæ)-йы базиангондæй расайгæ проблемæтæ, сæры магъзы травмæ, ферхæцгæ дзырд, æндзыг (паралич), эпилепси æмæ æнд.
  • Социалон-эмоцион проблемæтæ кæнæ уагахасты проблемæтæ, эмоционалон проблемæтæ, хъусдарды дефицит, гиперактивондзинад, социалон проблемæтæ, коммуникацийы проблемæтæ;

Инклюзивон ахуырады нысан у, цæмæй алы саби дæр, æнæгæсгæ уæвæг хицæндзинæдтæм, хъуамæ ахуыр кæна иумæйаг æхсæнадон алфæмблайы, нæй йын нысаниуæг, цахæм проблемæтæ йын ис уымæн.

Гæнæн ис ахуырдзау уа арæнгонд фадæтты уæвæг, курдитджын, этникон къаддæр хæйтты минæвар, хуызджын царм кæмæн ис ахæм, цæстырухсы æмæ хъусæн органты дефектдзинады уæвæг, цæуын йæ бон ма уа, фæлæ ацы алцыппæтмæ æнæгæсгæйæ, уый хъуамæ йе ‘мкарæнтимæ иумæ ахуыр кæна æмæ хайад ис скъолæйы царды. Специалон хъæугæдзинæдты уæвæг æнахъом (саби) активонæй хъуамæ хайад иса æхсæнадон царды. Алы саби дæр максималонæй хъуамæ хайад райса ахуыргæнæн процессы æмæ иннæтимæ æмахастыты.   

Инклюзивон ахуырад сифтонг кæндзæн специалон рухсадон хъæугæдзинæдты уæвæг сабиты ахуырады къухарæзты; сæ социалон интеграцийы; сæ интересты æмæ гæнæндзинæдты равдисын æмæ райрæзты; æххуысы, цæмæй сабитæ рæзын кæной сæ удгоймагон дуне, бахъахъхъæной хисæрмагонд цæстæнгас, бартæ æмæ гоймагон аккагдзинад.

Æхсæнады æндæр æмæ æндæр хуызы ахаст ис арæнгонд фадæтты уæвæг адæймæгты тыххæй, кæцытæ сты: тасдзинады, хи бахизыны, уæлдай аудындзинады, æмæнкъарды, æнæхæларахасты, уæлæнгай толерантдзинады. Адон иууылдæр барьер æвдисынц арæнгонд фадæтты уæвæг гоймæгтæн æхсæнадимæ æмахастыты аспекты.

Цахæм хъуамæ уа уавæр цыран ахуырдзау хъуамæ райса инклюзивон ахуырад?

Уый тыххæй æмæ цæмæй инклюзивон ахуырад фæстиуæгджын уа, æнæмæнгхъæугæ у цалдæр уавæры сæххæст кæнын: хъуамæ уа цæстуарзон æхсæнад; уа зæрдæхæлар ахаст алкæцы ахуырдзауы ‘рдæм, сæ хъæугæдзинæдтæм гæсгæйæ; ифтонггонд хъуамæ цæуа алкæцыйæндæр æмхуызон ахуырады райсыны уавæртæ. Ахуырдзаутæй акæмæндæр хъуамæ йæ бон уа скъолæйон куысты хайад райсын.

Кæд нымайут, цæмæй хæлд цæуы дæу æмæ дæ  алфæмблайы уæвджыты бартæ, ÆБЮГ Юридикон æххуысы куыст цæттæ у, дæуæн æндæр æмæ æндæр хуызы æххуыс бакæнын.

Дæ бон у ныффыссай нæм веб-фарсыл уæвæг чаты, афтæ-ма нæм фехъусын кæн тæвд хаххыл - 1485; кæнæ фæдзурут нысангонд номырыл: 032 292 00 55.

Ма бацъынд кæн дæ цæстытæ, куы уынай, куыд хæлд цæуы гоймæгты бартæ, дæ зæрдыл дар, цæмæй дæ разавæрд къахдзæф, æндæр адæймæгты царды хуыздæрырдæм ивы.

 

 

 

 

 

              


Инклюзивон ахуырад