slider banner

Автор: Кети Джахъели

Нитъа кæрты хъазыны рæстæджы, скъолæйы, йе мкарæнты æхсæны, арæх уыдис йе мкарæнты рдыгæй булингы амæттаг. Ууыл æгадгæнæн фæсномыг ном сывæрдтой, худтысты йыл, тæрсын æй кодтой, æртхъирæнтæ йæм кодтой, нæмгæ дæр æй кодтой... Нитъа тынг æнкъарæг у æмæ уымæн æнгæс уавæры уæвын мæстаг у, уый йæхи æфхæрд хаты, нал æууæнды адæймæгтыл, тæрсы, цæмæй ноджы ма бахауа æнгæс ситуацийы. Цæй, æркæсæм Нитъайы цаумæ æмæ нæм кæд уыдзæнис ахæм æнгæс цау, уæд æй зондзыстæм цæимæ нæ ис хъуыддаг æмæ цы хъуамæ бакæнæм.

Фыццаджыдæр, бацымыдис кæндзынæ, цы у булинг?

Термин «Булинг» нысан кæны физикон кæнæ психологон тыхмийы, тæрсын кæныны, æфхæрыны. Ис булингы 3 хуыз: эмоцион, ныхасон æмæ физикон. Булинг гæнæн ис æххæст æрцæуа сабийы ‘рдæм æндæр адæймаджы ‘рдыгæй, се ‘хсæн гæнæн ис æмæ уой йе ‘мкъасонтæ æмæ æндæр æмкарæнтæ.

Куыд хъуамæ базонæм цæмæй булингы амæттаг стæм?

Булингы фæзындтæ сты: æфхæрæн фæсномыг ном сæвæрын, бахудын, къордæй рахицæн кæнын, æнæцензурон ныхæстæ фыссын, дзаумæтты кæнæ формæйы байсын, фысгæйæ æмæ ныхасæй æфхæрын, иумæйаг куыстæй рахицæн кæнын, æртхъирæн, тæрсын кæнын, къухæй схойын, тымбылкъухæй кæнæ къахæй нæмын,  хахуыр кæнын, «амæттаджы» æнарæхст, æнæкомфортон, хъыгаг уавæры ныппарын, тыхбахаст – архайа сæрмагонд фæндоны ныхмæ.

Кæд ды дæр уыдтæ ахæм æнгæс ситуацийы, уæд ма фæтæрс! Дæ зæрдыл бадар, цæмæй кæй ис адæймæгтæ, кæцытæн сæ бон у дæуæн баххуыс кæнын æмæ дæ зæрдыл дар, цæмæй ды иунæг нæ дæ.

Куыд хъуамæ базонæм тыхгæнæг, уыцы булер?

Арæх тыхгæнæг, агрессор æнахъом тырны, хистæрæй, тыхджынæй равдиса йæхи, арæх æнæхсæст ныхас кæны йе ‘мкарæнтимæ, хистæртимæ, бинонты уæнгтимæ... уымæн ахастæвдисæг у уæлдай энерги, йæхимæ æгæр позитивон кæнæ негативон кæсын, æндæртыл тыхбарад æмæ бардзырды бæллиц. Уымæн фæзыны тас, цæмæй  йæхæдæг суыдзæн тыхмийы амæттаг.

Цы бæллиц змæлын кæны тыхгæнæджы?

Тыхгæнæг домы хъусдарды цæнтры уæвын, зындзинæдтæ йын ис йе ‘мгæрттимæ, нæ нымайы уый, цæмæй фыдракæнд аразы, йæ бон нæу æндæры уавæр йæ зæрдæмæ æввхс бахæссын. Уый нæ хъуыды кæны йæхи сæрмагонд агрессивон ахастыл. Архæйдтытæ, кæцыты тыхгæнæг аразы амæттаджы ‘рдæм, гæнæн ис, амæттагæн скæной физикон кæнæ психологон зиан æмæ ай алцыппæт уымæн фæзына йе ‘рвылбонон царды гъæдыл.

Булингы амæттаг гæнæн ис уа кæцыфæнды махæй, æнæгæсгæйæ не статусмæ, нæ цæстæнгасы æмæ физикон уагахасты...

Амæттаг йæхи хаты æнæхъахъхъæд, лæмæгъ, æфхæрд адæймагæй, кæцыйæн нæй контакт æндæр æмкарæнтимæ. Йæхи хизы адæмарæх бынæтты уæвынæй, уый тыххæй æмæ тæрсы, цæмæй уый æндæр адæймæгтæ бафхæрдзысты.

Цы хуызы гæнæн ис раргом уа булинг?

 

Ис булингы æндæр æмæ æндæр хуыз:

  • Телеуынынадон булинг 
  • Кибер булинг 
  • Къордгай тыхмидзинад 
  • Сексуалон булинг 
  • Эмоцион булинг 
  • Дзырдон булинг 
  • Буары æвзагæй булинг 
  • Физикон булинг 

Цы нысан кæны кибер булинг æмæ цы тасдзинад хæссы уый? 

21-æм æнусы сабитæ актуалонæй пайда кæнынц æндæр æмæ æндæр терминологийы, уыдон хайад исынц  социалон хызæгты, æнцонвадат сын у æндæр æмæ æндæр хуыз информациты райсын, æмбæлынц виртуалон хæлæрттыл... Ай алцыттæт та фылдæр кæны кибер булингы рискы.

Кибер булинг – æххæст цæуы æндæр æмæ æндæр технологийы спайдайæ. Тыхгæнæгæн йæ бон у анонимон контакт кæна амæттагимæ. Кибер булинг гæнæн ис æххæст æрцæуа эл.постæй, социалон хызæгты, феб-фарсты æмæ æндæр амæлттæй. Булингы ацы формæ дзæвгар мæстаг æмæ тæссаг у; арæх амæттаг серьезон психологон зиан исы. Мах реалондзинады кибер булингыл фæуæлахиз уæвын стыр расидт у, нысаниуæгджын у, адæймаг хъуамæ æмбара, кæд æмæ цы хуызы зиан æрхæссын у йæ бон, куыд булингы ауадзæг, афтæ-ма уый  амæттагæн.

Кæд нымайыс, цæмæй хæлы дæу æмæ дæ алфæмблайы уæвджыты бартæ, æмæ дæ булингы амæттаг, Юридикон æххуысы куыст цæттæ у, дæуæн æндæр æмæ æндæр хуызы æххуыс бакæнын.

Дæ бон у ныффыссай нæм веб-фарсыл уæвæг чаты, афтæ-ма нæм фехъусын кæн тæвд хаххыл - 1485; кæнæ фæдзурут нысангонд номырыл: 032 292 00 55.

Ма бацъынд кæн дæ цæстытæ, куы уынай, куыд хæлд цæуы гоймæгты бартæ, дæ зæрдыл дар, цæмæй дæ разавæрд къахдзæф, æндæр адæймæгты царды хуыздæрырдæм ивы.

Кæрæдзийы фарсмæ лæууынæй фæивæм нæ реалондзинад хуыздæрырдæм!!!

Статья бацæттæгонд у бынæй банысангонд æрмæджытæй спайдагæнгæйæ, фæлæ нæу уый аналог.

Равзæрæн 1. Ахуыргæнджыты профессион  райрæзты  центр – «Скъолæты булингы превенци æмæ толерантон культурæйы райрæзты къухарæзт»

 

Равзæрæн 2. «Ахуыр кæнын æмæ аргъкæнын» автортæ:

Русудан Тъхъемаладзе

Нана Далакишвили

Кетеван Топадзе

Татия Пачъкория

Тамар Буцъашвили


Булинг